Парламенты имплементацийы уагмæ гæсгæ абон Мамука Бахтадземæ байхъусдзысты
Парламенты имплементацийы уагмæ гæсгæ абон Мамука Бахтадземæ байхъусдзысты
Гуырдзыстоны парламенты абонæй фыццаг хатт имплементацийы уаг скуыста. Ацы форматы фæлгæтты, депутатæ фыццаг хахх премьер-министр Мамука Бахтадземæ байхъусдзысты. Хицауады сæрдар депутаттæн информаци бæстæйы уæвæг криминогенон уавæры фæдыл базонгæ кæндзæн.
Имплементацийы фæлгæтты, абоны рабадтыл байхъусдзысты рухсады министр Михеил Батиашвилимæ дæр.
Батиашвилийы парламентмæ æрхуынды инициатортæ уыдысты «Европон Гуырдзыстон, премьер-минстры та «Националон змæлд».