Парламенты  фæззыгон сессий фидæн къуырийы байгом уыдзæн
Парламенты фæззыгон сессий фидæн къуырийы байгом уыдзæн

Гуырдзыстоны парламент йæ куыстмæ  официалонæй  æрывналдзæн  фидæн  къуырийы.

Регламентмæ гæсгæйæ, парламент фæззыгон  сессий  сентябры  фыццаг  дыццæджы  байгом вæййы.  Гуырдызстоны Фыццаг Къаналы информацийæ,  3 сентябры  пленарон рабадт ацæудзæн, фæлæ уæдмæ  депутаттæ  бюройы  рабадты форматы  æрымбырд уыдзысты.

Фæззыгон сессийы  фæлгæтты,   закъондæттæг   органы бахъæудзæн цалдæр  нысаниуæгджын  къадрон уынаффæ  рахæссын, сæ нымæцы  Сæйраг тæрхондоны  тæрхонгæнджытæм кандидаттæм хъуамæ бахъуса  æмæ  20  тæрхонгæнæджы  сывзара.

Уыйимæ иумæ,   парламент уыцы  афæдзон хыгъдлæвæрдтæм хъуамæ байхъуса, кæцыты æркæсын  уалдзæгон  сессийыл нал  бантыст.  Сæ нымæцы –  премьер-министры, адæмон барты хъахъъхæнæгы, генералон  прокурроры æмæ аудиты  куысты афæдзон  хыгъдлæвæрдтæ.

Уалдзæгон сессийыл Мамука Бахтадземæ байхъуыст æргъæвд æрцыд  20 июны айтынггонд  фæзындты  тыххæй,   генералон прокуррормæ хъусын та, æнхъæлцау  сæйраг тæрхондонмæ  тæрхонгæнджытæм кандидатты  сывзæрсты  процессы   хайад исыны тыххæй.

Регламентмæ гæсгæйæ,   фæззыгон сесси декабры  æртыккаг  майрæмбон  æрцæудзæн æхгæд.