Парламенты фæззыгон сеси фыццæгæм сентябры байгом уыдзæн
Парламенты фæззыгон сеси фыццæгæм сентябры байгом уыдзæн
Регламентмæ гæсгæ, сентябры фыццаг дыццæгы, фыццæгæм сентябры парламенты фæззыгон сеси байгом уыдзæн.
Сесийы баконд пленарон рабадтæй у плангонд, фæлæ уæдмæ та , 31-æм августы плангонд у бюройы рабадт, кæцыйыл ног законон ивæндзинæдты иницирдзинад сыхæхст уыдзæн. Се æхсæн «æвзарæнон кодексмæ» бацæттæгонд ивæндзинæдты.
Сесийы фæлгæтты, парламенты цалдæр ног законпоект уыдзæн каст æмæ ист. Афтæ дæр парламенты пленарон рабадты форматы нæ байхъуыста ныры онг ПÆК æмæ генералон прокуратурайы афæдзон хаццæгмæ, кæцытæ уагдæттæ парламенты уалдзыгон сесийыл бавдыстой.