Гуырдзыстоны парламент цæугæ къуырийы фæззыгон сесийы сыхгæндзæн, цæй фæстæ дæр парламент йæ куыст æнæрадон рабадтыты форматы адаргъ кæндзæн. Депутаттæ цæугæ къуыри плангонд рабадтытыл 2018-æм азы паддзахадон бюджеты проект æмæ ног конституцион ивæндзинæдтыл фæуынаффæ кæндзысты, кæцы юридион фарстаты комитет знон бакаст. Ивæндзинæдтæм гæсгæ, афтæ хуынæг бонус системæ санулир уыдзæн æмæ 2020 –æм азы политикон партитæ блоктæй суæвынæн иухаттон сиуы бар уыдзæн. Парламент конституцион ивæндзинæдты фæззыгон сесийыл фыццаг байхъуыстæй райсдзæн, æртыгкаг ббайхъуыстæй та сбæлвырд уалдзыгон сесийыл у плагнгонд.