Гуырдзыстоны парламент фæззыгон рабадт райсом, 2-æм сентябры байгом кæндзæн.
Парламентон уагæвæрдмæ гæсгæ, фæззыгон сесси сентябры фыццаг майрæмбоны байгом вæййы æмæ декабры æртыккаг цыппæрæмы æхгæд цæуы.
Фæззыгон сессийы фыццаг къуыри уыдзæн бынтон æнæвдæлон. Абон закондæттæг орган процессуалон фарстыты комитеты форматы паддзахадон æдасдзинады куысты къухдариуæггæнæджы постæй Анри Оханашвилийы йæ бынатæй ацæуыны фæдыл фæныхас кæндзæн æмæ фарста пленарон рабадтыл нымадмæ ист æрцæудзæн.
Парламент æвзардзæн паддзахадон æдасдзинады службæйы сæргълæууæджы дæр. Постмæ Мамука Мдинарадзейы æвзæрстæн хъæудзæн æппынкъаддæр 76 депутаты фарсылхæцындзинад. Мамука Мдинарадземæ, æвæццæгæн, парламенты хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады комитет дæр байхъусдзæн.
Фæззыгон сессийы боны фæткы ис парти «Гахариа Гуырдзыстоны тыххæй» уæнгты мандаты фæурæды фарста дæр. Процессуалон фарстыты комитеты ацы темæйыл абон æруынаффæ кæндзысты, фарста та фæстæдæр пленарон рабадтмæ хъæлæсæппæрстмæ бавдыст æрцæудзæн.
Уымæй уæлдай ма, Парламенты пленарон рабадтмæ бавдыст æрцæудзæн «2003–2012 азты тыхы чи уыд, уыцы режимы, ацы режимы политикон бæрнон кусджыты, 2003 азæй абоны онг политикон партиты иугонд ныры æмæ раздæры бæрнон кусджыты архайд иртасыны рæстæгмæйы слестгæнæн къамисы хатдзæг дæр. Хатдзæг у 430 фарсыл æмæ йæ фæнд кæнынц арвитын Конституцион тæрхондонмæ.
Парламенты цæугæ къуырийы боны фæтк сбæлвырд кæндзæн бюро, кæцы абон сырæздзæн.