Парламенты диаспорæйы фарстыты комитеты абон Тея Цъулукианимæ хъусдзысты
Гуырдзыстоны парламенты абон юстицийы министр Тея Цъулукианимæ байхъусдзысты.
Тея Цъулукиани диаспорæ æмæ Кавказы фарстыты комитеты рабадтыл паддзахадон сервситы рапарахаты агентады архайæг æмбæстæгты фарстыты камисы куысты 2013-2017 азты хыгъдлæвæрд бавдисдзæн.
Уыйимæ иумæ, юстицийы министр фæныхас кæндзæн куыд фæсарæйаг æмбæстæгтæн Гуырдзыстоны æмбæстагдзинады уæлвæтк уагæй раттыны фарстыл, афтæдæр архайæг уавæр æмæ сидтыты фæдыл.
Хицаугæнæг къорд «Æмбæстагдзинады фæдыл» закъоны ивд цæттæ кæны, кæцы ног конститцийæ лæдæрсы.
Сæрмагондæй та ног конституцийæ, Гуырдзыстоны æмбæстаг, искæцы æндæр паддзахады мбæстагдзинад райсты ауы, Гуырдзыстоны æмбæстагдзинад автоматонæй нал фесафдзæн, фæлæ æмбæстагдзинад райсты æмæ фесафыны уаг хъуамæ фæбæрæг кæна органон закъон.