Парламенты цур «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады» закъонопроекты ныхмæ акци цæуы
Парламенты цур протестон акци цæуы. Æрымбырдуæвджытæ, «Фæсарæйнаг æндæвады æргомдзинады фæдыл» закъонопроекты протест кæнынц. Акцийы хайадисджыты æхсæн сты оппозицион политикон партиты æмæ æнæхицауадон организациты минæвæрттæ.
Поэт Рати Амагълобели куыд райхъусын кодта афтæмæй, «КартулиОцнеба» фæнысангонд закъонопроект хъуамæ аива.
«Ма хъуамæ бафæллайæм. «Картули Оцнеба» аиваздзæн ныр ацы проекты æмæ мах принципонæй, къæйных хъуамæ лæууæм ам, баххæссæм æйраг фæстиуæгмæ. Сæйраг фæстиуæг у минимум – ацы закъоны бынтон аивын æмæ сторийы быронкалæныл аппарын» райхъусын кодта Рати Амагълобели.
Парламенты юридикъон фарстаты комитеты рабадтыл, «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъонопроекты фыццаг каст сæумæрайсомæй цæуы.