Парламенты цур цæугæ  протестон акцийыл пъæлицæй   иу гоймагы  территорийæ  аддæмæ  кодта
Парламенты цур цæугæ протестон акцийыл пъæлицæй иу гоймагы территорийæ аддæмæ кодта

Парламенты цур цæугæ  протестон акцийыл пъæлицæй   иу гоймагы  территорийæ  аддæмæ  акодта.  Акцийы  хайадисæг   парламенты фæстæ  уæвæг  æмбондыл  ахорæнтæй  ныффыссын архайдта, фæлæ йын пъæлицæй уый фадат нæ ратта.

Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады  куыд райхæлдтой, афтæмæй, фæнысангонд гоймагы æрцахстой   администрацион фæтксчасты  кодексы 173-æм статийæ, кæцы  йæ хъуыдыйы дары   барадхъахъхъæнджыты законон æркуырдмæ нæкоммæкаст.

Парламенты фæстæ бацæуæнæй, Зубалашвилиты  уынгыл   протестон акци уадзынц  «Европаг Гуырдзыстоны»  фæсивæдон  организацийы  минæвæрттæ.  Акцийы  хайадисджытæ   бынатмæ  бахастой  хъабыхы къопп, кæцыйыл президенты  æмæ  хицауады уæнгты  къамтæ  æмæ  ныхæстæ  сты  æвдыст.

Акцийы  хайадисджыты фидиуæнæй,  зæгъгæ уыдон протест кæнынц хицауады  уырыссаг  къурс  æмæ æмгъуыдагъоммæ  парламентон æвзæрстытæ   домынц.