Парламенты цур акцийы хайадисджытæ бацархайдтой автомобилон фæндаг æрыхгæнын, кæцы чысыл быцæудзинадмæ айрæзт – [видео]
Тбилисы, парламенты бæстыхайы цур цæугæ акцийы хайадисджытæ бацархайдтой автомобилон фæндаг æрыхгæнын, кæцы чысыл быцæудзинадмæ айрæзт.
Барадхъахъъхæнджытæ акцийы хайдисджытæн нæ дæттой фадат автомобилон фæндагмæ рацæуын.
Акцийы хайадисджытæ патрулон полицимæ æрсидтысты, макæй æрцахсой æмæ сын раттой фадат фæндаг æрыхгæнын. Акцийыл дзырдæй рацæуæг райхъусын кодта, цæмæй сын нæ фаг кæны тыгъдад. Фæлæ нæ уацхæссæг бынатæй куыд хуъсын кæны афтæмæй, алфамбылай территори æххстæй едзаг нæу æмæ акцийы хаадисджыты сидт, ома сын бынат нæ фаг кæны зæгъгæ – раст нæу.
Фæстагмæ патрулон полици митинггæнджытæн ратта фæндаг сыхгæныны фадат.