Парламенты цур акци фæцис - [фото]
Парламенты  цур  акци  фæцис -  [фото]

Тбилисы, Руставели  проспектыл  акций  фæцис.

Бынатæй  Фыццаг Къаналы   журналист куыд хъусын кæны  афтæмæй,   парламенты  цур   акцийы  хайадисджытæ  æмæ   оргоганизатортæ  нал  сты.  Территори  сыгъдæг кæны  сахары  нысыгъдæджы  куыст.

«Урс Хъæлæбайы  змæлды»  лидеры  Бека  Цъикаришвилийы   информацийæ,  15:00  сахатыл   плангонд   акци гæнæн ис  парламенты цур мауал  асырæза.

Цъикаришвили  журналисттимæ ныхасы рæстæджы  куыд банысан кодта  афтæмæй,  эскалацийæ хиаиуварс кныны  тыххæй,   парламенты  цур  акци  уромынц  æмæ   архайадон  планы  фæдыл  Дзыллæйæн  фæстæдæр,  социалон  хызагы фæрцы  фехъусын кæндзысты.

Парламенты  раз  æнæхъæн æхсæвы дæргъы  уыдис   акцийы   цалдæр хайадисæг.  Уыдон æхсæв   цатырты сбон кодтой, кæцыты  полици абон сæумæрайсом систа.

Афтæма,  абон сæумæрайсом  парламенты   цур  æртæ  адæймагы  æхсæн  сырæзт быцæудзинад.  Полици  æхсæны  фæткъæвæрдсасты   се ртæй дæр фæзылын кодта.

Акцийы  хайадисджытæ  æхсæвы  клубты  уагъд  спецоперацийы протест кæнынц.