Парламенты абоны рабадт футболы националон æмбырдгонды уæлахиздзинад банысан кæнынæй райдыдта [видео]

12:40, 27.06.2024

Гуырдзыстоны  парламенты уæнгтæ абон   закъондæттæг  оргæны  националон футболы æмбырдгонды  хæдæтты  кондæй  Гуырдзыстоны  тырысатимæ æмæ æндæр атрибауткæтимæ  бацыдысты.

Парламенты пленарон  рабадт Националон футболы æмбырдгонд  уæлахиздзинады  нысанæн   зарæг «Гаигъиме» (Аргъауы кæрон фæрнæйдзаг у) æмæ   апплодисментты  фоныл   байгом ис.

Гуырдзыстоны  нациоанлон футболы æмбырдгонд  Европæйы Чемпионаты къордон этапы фæстаг матч Португалиаимæ  2:0 рамбылдта æмæ Европæй Чемпионатыл  æстæмфиналмæ ахызт.

Хуыздæр