Парламенты  абон МХ мнистр Вахтанг Гомелауримæ хъусдзысты
Парламенты абон МХ мнистр Вахтанг Гомелауримæ хъусдзысты

Фæстаг периоды айтынггонд фæзындты æмæ сæ нымæцы,  прайды къуырионы  фæлгæтты  мидхъуыддæгты министрад цы мадзæлттæ  ауагъдта  уыдоны фæдыл, депутаттæ  абон  хъусдзысты  мидхъуыддæгты министр Вахтанг Гомелаурийы раныхасмæ.

Мидхъуыддæгты министрмæ хъусын  абоны бонмæ  плангонд уæлрадон  сессийы  пленарон  рабадтыл  ацæудзæн.

Парламенты МХ министрмæ хъусын нысангонд у 12:00  сахатмæ.

Нырма  бæрæг нæу, уыдзæн æви нæ  байхъуыстыл  «Националон Змæлд», кæцы бойкоты  режимы уæвы. Парламентмæ бацæуын хавы   афтæдæр бойкоты режимы уæвæг  парти «Лело». Оппозицийы  минæвæртты  дзырдæй,  зæгъгæ  нæкæсгæ уымæ цæмæй ныр  сегасæй раст уынаффæ  уаид  Вахтанг Гомелаурийы  йæ куыстæй сисын, уыдонмæ зæгъгæ  ис фарстытæ  министрмæ.

Афтæма  параллелонæй,   парламенты цур медийы  минæвæртты  организацигонд протестон акци  у плангонд.