Ираклий Кирцхалиа «Гуырдзиаг бæллиццы» фракцийы сæрдар æмæ парламентон фылдæры хайы лидер ссис
Парламентон фылдæры хайы сæргълæууæгæй Мамука Мдинарадзейы Ираклий Кирцхалиа баивта.
Уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты бюройы абоны рабадтыл расидтысты.
«Мах банысан кæнæм фракци «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдарæй Ираклий Кирцхалиайы æвзæрст. Арфæ йын кæнæм. Уый у стыр бæрн æмæ йын нæ зæрдæ зæгъы æнтыстытæ. Мамука Мдинарадзейы æнтыстджын куысты фæстæ, нысаниуæгджын у ахæм темптæй адарддæр кæнын. Банысан кæнæм Леван Мачаварианы æвзæрст фракцийы сæрдарæй фыццаг хæдивæгæй, Иеб Йорбенадзе куыд сæрдары хæдивæг, афтæ сын арфæ кæнын æмæ сын мæ зæрдæ зæгъы æнтыстджын куыст», -расидтис Папуашвили Шалва.
Информацийæн, Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе Мамука Мдинарадзейы паддзахадон æдасдзинады куысты къухдариуæгы бынатмæ 23-æм августы раразмæ кодта.
Паддзахадон æдасдзинады куысты къухдариуæггæнæгæй парламент Мамука Мдинарадзейы абон сбæлвырд кодта.