Парламентон фылдæры хайы инициргонд закъондæттæн ивæндзинæдтæн дзуапп дæтты Кайя Калас - «æнхъæлмæ кæсæм къахдзæфтæ кæй сараздзыстут  уыцы адæймæгты ныхмæ, кæцытæ ацы хъуыддаг æххæст кæнынц»
Парламентон фылдæры хайы инициргонд закъондæттæн ивæндзинæдтæн дзуапп дæтты Кайя Калас - «æнхъæлмæ кæсæм къахдзæфтæ кæй сараздзыстут  уыцы адæймæгты ныхмæ, кæцытæ ацы хъуыддаг æххæст кæнынц»

Мах стæм адæймаджы барты, бындурон сæрибардзинады фарсхæцджытæ. Мыхуыры сæрибардзинад уыдонæй иу у – уый фæдыл Евроцæдисы æдтаг хъуыдтæгты æмæ æдасдзинады политикæйы уæлдæр бæрнон  Кайя Калас журналисттæн, Евроцæдисы æдтаг хъуыдтæгты советы райдайæны размæ расидтис.

Каласæн лæвæрд æрцыд фарст: «Куыд гæнæн ис Евроцæдисæн æххуыс кæна Гуырдзыстоны цæрджытæн, медийæн æмæ æмбæстагон æхсæнадæн, Гуырдзыстоны æнæхицауадон организациты, журналистты, медийы æмæ политикты ныхмæ цы закъæттæ ист цæуынц, уыдоны контексты».

«Æнхъæлмæ кæсын, цæмæй иуæй-иу министртæ дæр æрæвæрдзысты ацы фарста. Раздæрау мах дæр стæм адæймаджы барты фарсхæцджытæ, фундаменталон сæрибардзинæдтæ æмæ мыхуыры сæрибардзинад уыдонæй иу у. Уый тыххæй дæр æнæмæнгæй æнхъæлмæ кæсæм къахдзæфтæ сараздзыстæм уыцы адæймæгты ныхмæ», – загъта Кайя Калас.