Парламентон фылдæры хай президентæн премьер-министры кандидатурæ абон бавдисдзæн
Парламентон фылдæры хай президентæн премьер-министры кандидатурæ абон бавдисдзæн
Парламентон фылдæры хай президентæн премьер-министры кандидатурæ абон бавдисдзæн, кæцыйы йæхи æрдыгæй, президент парламентæн авд боны æмгъуыды хъуамæ бавдиса.
Уый фæстæ, куыд премьер-министры кандидат авд боны æмгъуыды министрты кабинет равзардзæн, хицауадæн æууæнкдзинады райстæн парламентмæ бавдисдзæн. Конституцийæ, хицауадимæ иумæ æвдыст хъуамæ уа хицауадон программæ.
Сбæлвырдмæ та цы хауы, премьер-министр æмæ министрты кандидаттæ хицауадон программæ парламентон комитетты æмæ фракциты бавдисдзысты, цæй фæстæ дæр уыдон æууæнкдзинады райстæн пленарон рабадтыл ралæудзысты.
Пленарон рабадтыл хицауадон программæ премьер-министрты кандидаты бавдисдзæн, политикон дебатты бастдзинады бар министрты кандидаттæн дæр ис . Хицауадæн парлампнты æууæнкдзинады райстæн 76 депутаты фарсылхæцындзинад у æнæмæнг.