«Гуырдзиаг Бæллиццы» централон офисы абон парламентон фылдæрты рабадт ацæудзæн.
Рабадт 18:00 сахатмæ снысан ис, кæцыйыл æнхъæлцау уыдзæн партийы сæрдар Бидзина Иванишвили.
Фылдæрты рабадты фæдыл 30 августы, комментарийы сарзта депутат Нино Гогуадзе. Йæ ныхæстæм гæсгæ, рабадтыл бирæ нысаниуæгджын процесс хъуамæ фезмæлын кæной, цахмæдæр сты конституцион ивдтытæ, тæрхонгæнджыты сывзæрст, æвзарæнон ивдтытæ æмæ а.д. Æнхълмæ кæсын цæмæй фылдæрты рабадтыл ацы фарстатыл фæуынаффæ кæндзыстæм» – райхъусын кодта депутат.
Фарстайыл, æнхъæлмæкæсинаг у æви нæ хицауадон ивдтытæ, НИно Гогуадзе сдзуапп кодта, цæмæй зæгъгæ хицауадон ивдтыты ф арста, фылдæрты мидæг нырма каст нæ цыдис, фæлæ уæвæг информацийæ, абоны рабадтыл гæнæн ис премьер-министры раивыны фарста дæр æркæсой.