Парламентон   делегаци, Гуырдзыстоны парламенты  сæрдары  фыццаг хæдивæг, Тамар Чугошвилийы   разамындæй, абон  ныццæудзæн  АИШ
Парламентон делегаци, Гуырдзыстоны парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг, Тамар Чугошвилийы разамындæй, абон ныццæудзæн АИШ

Парламентон   делегаци, Гуырдзыстоны парламенты  сæрдары  фыццаг хæдивæг, Тамар Чугошвилийы   разамындæй, абон  ныццæудзæн  АИШ.

Гуырдызстоны парламенты пресс-куысты   информацийæ,    визиты фæлгæтты,   делегаци ауадздзæн фембæлдтæ   конгрессментимæ, сæ нымæцы  Конгресы  ног æвзæрст  уæнгтимæ. Уыдзæн фембæлдтæ  Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы  хæларады  къорды æмсæрдæрттимæ  Джерри  Коннеллийы  æмæ  Адам  Кинзингеримæ, афтæдæр   «Демокративон  партнерады Палатæйы»   сæрдары  хæдивæг  Девид Прайсимæ.

Уагъд æрцæудзысты  фембæлдтæ,    АИШ-ы  æхсæнадæмон респубьликаг  институты (IRI)  президент  Даниэль Твинингимæ,  æхсæнадæмон организаци –   «Националон хайбавæрд демократимæ» (NED) президентимæ Карл Гершманимæ,   «Æхсæнадæмон   æвзæрстгæнæн  системæты  фонды»  (IFES) къухдариуæггæнджытимæ  æмæ  USAID-ы  Европæйы æмæ Евразийы  Бюройы    администраторы хæдивæг  Брокъ Бирманимæ.

Парламентон делегацийы  сконды  сты, Гуырдзыстоны  парламенты  сæрдары   хæдивæг  Гиорги Вольский,  Европæйаг интеграцийы   комитеты  сæрдар Тамар Хулордава æмæ   парламентон къаддæрдæрты  лидеры  хæдивæг  Элене Хоштариа.