Гуырдзыстоны парламенты делегаци АИШ-ы конгрессы фембæлдтæ фæцис.
Абон делегацийы уæнгтæ фембæлдысты фондз конгрессменимæ, кæцытæ сæйраджыдæр æттаг ахастыты комитеты минæвар уыдысты.
Гуырдзыстоны парламенты делегацийы сæрдар Николоз Самхарадзе куыд расидтис афтæмæй, фембæлдты рæстæджы ныхасы сæйраг темæтæ уыдысты гуырдзиаг-америкаг ахастытæ, æдасдзинады фарстатæ, регионы цæугæ цаутæ æмæ «Астæуккаг къæлидоры» размæцыд.
Делегацийы уæнгтæ сæ фæстаг фембæлд сарæзтой Конгрессы Кит Селфимæ, кæцы у Минæвæртты палатæйы Европæйы дæлкомитеты сæрдар. Боны дæргъы ма уагъд æрцыдысты фембæлдтæ Рэнди Файн, Майк Тернер, Райан Зинке æмæ Ана Паулина Лунаимæ.
«Фембæлдты рæстæджы ныхасы сæйраг темæ уыд гуырдзиаг-америкаг æмахастытæ, ацы æмахастытæ сног æмæ сæ ног этапмæ рахизын. Ныхас кодтам уæрæх спектры фарстатыл – сæйраджыдæр æдасдзинады фарстатæ, нæ регионы цæугæ цаутæ æмæ оккупацийы фæдыл. Конгрессментæй райстам информаци Ираны цæугæ цауты фæдыл æмæ сæ аргълæвæрд нырыккон уавæрæн – расидтис Самхарадзе Николоз.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, конгрессментæн афтæ дæр уыд цымыдисон «Астæуккаг къæлидоры» рæзт æмæ «Астæуккаг къæлидоры» Гуырдзыстоны роль.
«Фембæлдты рæстæджы сырæзт тынг цымыдисон диалог.Мах æрдомдтам конгрессментæй лæмбынæг сахуыр кæной иуæй-иу конгрессменты бавдыст закондæттæн инициативæтæ, кæцытæ бæрæгæй сты антигуырдзиаг характерæй, цæмæй ма бахъыгдара уыцы позитивон динамикæ, кæцы ныр фæзынд нæ ахастыты» – банысан кодта парламенты фæсарæйнаг хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар.
Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны парламент парахат кæны.