Парламент сразы ис Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджытæм бавдыст цыппар дæр кандидатурæимæ

14:06, 01.12.2021

Парламент сразы ис  Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджытæм бавдыст  цыппар дæр кандидатурæимæ. Хъæлæскæнынад ацыд абоны  сессийыл.

Хъæлæскæныны  фæстиуджытæм гæсгæ,   Геннади  Макаридзе  райста 81 хъæлæс, фондз депутаты  йæ ныхмæ уыдысты;  Нино Сандодзе  80 хъæлæс райста, фондз  депутат йæ  ныхмæ;  Тамар Окропиридзе -81 хъæлæс райста, фондз  депутатæй йæ ныхмæ схъæлæс кодтой. Теа Дзимистаришвили райста 81 хъæлæс, афтæдæр 5  йæ ныхмæ  уыдысты.

Хъæлæскæныны  рæстæджы «Лело» æмæ «Стратегиа Агъмашенебели»  протесты нысанæн  сессион залæй рацыдысты.

Хуыздæр