Парламент пропорцион æвзарæнон системамæ ахызты конституцион ивæндзинæдты пленарон сесийыл бакаст райдыдта
Парламент пропорцион æвзарæнон системамæ ахызты конституцион ивæндзинæдты пленарон сесийыл бакаст райдыдта
Гуырдзыстоны парламент пропорцион æвзарæнон системамæ ахызты конституцион ивæндзинæдты пленарон сесийыл бакаст райдыдта. Цæугæ къуырийы боны фæткъы дыууæ проект ис. Иу бацæттæ кодта хицаугæнæг къорд, иннæ та оппозици.
Бакаст опозицийы бацæттæгонд законпроектæй райдайдзæн, кæцы йæ зæрдыл дары æвзæрстыты ауагъд æртæпроцентон бареры уавæрты, афтæ дæр æвзарæнон блоктæй иудзинады бар.
Фылдæры хайы бацæттæгонд ивæндзинæдтæ 2020 парламентон æвзæрстыты пропорцион системайæ ауагъд йæ зæрдыл дары. Сæрмагондæй, проектмæ гæсгæ политикон партийы ист мандатты нымæцы рабæрæгæн, партийы ист хъæлæсты нымæц 150-ыл сфæлхатт уыдзæн æмæ æвзæрстыты алы политикон партийы ист хъæлæстæ адих уыдзысты. Ивæндзинæдтæм гæсгæ, æвзæрстытæ уыдзысты уагъд нулевой барерты уавæры.
Гуырдызстны парламенты юридион комитеты сæрдар, Анри Оханашвилийы раисдæнмæ гæсгæ, хицаугæнæг къорды законпроект фылдæр субъектæн дæтты æвзарæнон процессы хайадисты фадат.