Парламент, премьер-министр, адæмон хъахъхъæнæг æмæ генералон прокуроры афæдзон хаццæгмæ фæззыгон сесийыл байхъусдзысты
Парламент, премьер-министр, адæмон хъахъхъæнæг æмæ генералон прокуроры афæдзон хаццæгмæ фæззыгон сесийыл байхъусдзысты

Парламент, премьер-минитср, адæмон хъахъхъæнæг æмæ генералон прокуроры афæдзон хаццæгмæ фæззыгон сесийыл байхъусдзысты
Гуырдзыстоны парламент, премьер-министр, адæмон хъахъхъæнæг æмæ генералон прокуроры афæдзон хаццæгмæ фæззыгон сесийыл байхъусдзысты.
Парламенты æртæ хаццæгмæ дæр фыстæгы хуызы уалдзыгон сессийыл уыд æвдыст, фæлæ пленарон рабадтыты форматы сæ бакаст не æрцыд.
Регламентмæ гæсгæ, хицауады сæрдары фыццаг афæдзон хаццæг июны кæронмæ хъуамæ уыдаит æвдыст, фæлæ 20-æм июны æрцæугæ цауты аххосагæй, Мамука Бахтадзейы ныхасæй рацыд уыд æргъæвд.
Ног конституцимæ гæсгæ, парламентæн фыццаг хатт уыд æвдыст генералон прокуроры хаццæг дæр, фæлæ хаццæгы байхъуыст не сыххæст, цæй аххосаг дæр уæллаг тæрхондоны тæрхонгæнджыты æвзæрсты процессы генералон прокуроры Шалва Тадумадзейы хайадист.