Парламент ивæндзинæдтæ бахаста «Гуырдзыстоны административон фæткхалды кодексмæ»
Парламент ивæндзинæдтæ бахаста «Гуырдзыстоны административон фæткхалды кодексмæ»

Парламент æруынаффæ кодта æмæ 82 хъæлæсæй райста закъоны проектты пакет «Гуырдзыстоны административон фæткхалды кодексмæ ивæндзинæдты фæдыл», кæцы сессийыл бавдыста адæймагы барты хъахъæды æмæ æмбæстагон интеграцийы комитеты сæрдар, Йонатамишвили Рати.

Ивæндзинæдтæ Гуырдзыстоны пиротехникон продукцийы импорты, экспорты, рауагъды æмæ/кæнæ уæй кæныны фарстыты регуляци йæ зæрдыл дарынц.

Закъондæттæн пакетмæ гæсгæ, æмбырды кæнæ демонстрацийы хайадисджытæн тобæгонд у: лазер æмæ/кæнæ цыфæнды фæрæзтæ карз радиациимæ, кæцытæй пайда кæнын гæнæн ис æмæ хъыгдара паддзахадон уагдæтты минæвæртты архайд æмæ/кæнæ сæ къухы цы техникон фæрæзтæ ис, уыдон, афтæ ма цæсгом æмбæрзын маскæйæ кæнæ æндæр исты фæрæзтæй.