Парламент «Грантты тыххæй» закъоны проект æртыккаг æркастæй райста
Парламент «Грантты тыххæй» закъоны проект æртыккаг æркастæй райста

Гуырдзыстоны парламент æртыккаг бакастæй сбæлвырд кодта грантты фæдыл законы ивæндзинæдтæ, æмрæнхъ цы закъоны проекттæ ис, уыдонимæ иумæ.

Ивæндзинæдты фæдыл хъæлæс кодтой абоны пленарон рабадтыл.

Закъоны проектæн йæ фарсыл рахæцыд парламенты 78 уæнг, ныхмæ схъæлæс кодтой 9 депутаты.

Райст закъоныпроектмæ гæсгæ, грант нымад цæуы ахæм фæрæзтыл, кæцытæ закъоны æмбæлон статийы банысангонд субъекты æрдыгæй æхцайæ кæнæ натурæйæ лæвæрд цæуынц, кæцытæй спайда кæнынц кæнæ гæнæн ис спайда кæной Гуырдзыстоны хицауадыл, паддзахадон институттыл кæнæ æхсæнады кæцыфæнды хайыл исты æндæвдады тыххæй, Гуырдзыстоны мидæггагон кæнæ æддагон политикæйы формирдзинад, реализаци кæнæ аивынмæ нысангонд архайдтыты тыххæй.

Æртыккаг бакасты фидаргонд закъоны проектмæ гæсгæ, кæд æмæ æндæр паддзахады юридикон гоймаг, кæцыйæн ис Гуырдзыстоны регистрацигонд филиал, минæварад кæнæ департамент, æнæ разыдзинадæй райсдзæн грант, уæд уый æркæндзæн бæрндзинадмæ.

«Гуырдзыстоны уголовон кодексмæ ивæндзинæдтæ бахæссыны фæдыл» закъоны проектмæ ивæндзинад бахастой. Сæрмагондæй, закъоны проектмæ бафтыдтой фиппаинаг, кæцымæ гæсгæ, тæрхон снысан кæныны рæстæджы, уæззаугæнæг уавæр у Гуырдзыстоны конституцион фæтк кæнæ конституцион органты æнæбанымадæй бындурæвæрд фыдракæнды сарæзт. Ацы цауы, сæрибардзинадæй цух кæныны рæстæджы, æххæстгæнинаг тæрхоны æмгъуыд хъуамæ уа æппынкъаддæр иу азæй фылдæр, Кодексы æмбæлон хайы нысангонд тæрхоны æмгъуыдæй.

Афтæ дæр уголовон кодексмæ бафтыд ног статья – «Конституцион фæткы ныхмæ экстремизм», Гуырдзыстоны æмбæстаг кæнæ Гуырдзыстоны статус кæмæн ис, ахæм æнæпаддзахадон гоймагы системон æхсæнадон сидт, цæмæй массонæй халой Гуырдзыстоны закъондæттынад, массонæй æнæкоммæ кæной Гуырдзыстоны хицауиуæгады ныхмæ, Гуырдзыстоны хицауадæн альтернативон органтæ саразын, искæй æнæбары, æмæ æхсæнадонæй системонæй равдисын куыд æндæр минæвар Гуырдзыстоны хицауад, кæнæ æндæр системон архайдтытæ, кæцытæ уыцы иу адæймаг сарæзта, кæд æмæ ацы хайы нысангонд уæлдæрбанысангонд архайдтытæй искæцы здæхт у Гуырдзыстоны конституцион уагæвæрды кæнæ конституцион органты æнæлегитимондзинады æнкъарæн сбæлвырд кæнынмæ æмæ Гуырдзыстоны интерестæн зиан хæссын кæнæ Гуырдзыстоны интерестæн зианы реалон тæссагдзинад æвзæрын кæнынмæ.

Уæлдæр ранымадгонд архайдтыты тыххæй æфхæрд уыдзæн ивар, æхсæнадон куыст 400 сахатæй 600 сахаты онг, кæнæ та ахæстоны фæбадын æртæ азы онг æмгъуыдмæ, юридикон гоймаджы хъуыддаджы та уæлдæр ранымад юридикон гоймаг æфхæрд æрцæудзæн иварæй кæнæ ликвидацийæ æмæ ивар ацы статьяйы нысангонд архайдтыты тыххæй.