Парламент фыццаг бакасты йæ фарсыл рахæцыд ивæндзинадæн, кæцы 2026-2027 ахуыры азы иумæйаг ахуырады райдайæн къæпхæны ахуыры райдайæнимæ баст у
Парламент 87 хъæлæсæй, тагъдгонд уагæй, фыццаг бакасты йæ фарсыл рахæцыд иумæйаг ахуырады фæдыл закъонмæ ивæндзинады фарсылхæцындзинадæн.
Ивæндзинадмæ гæсгæ, закъоны ивгъуыд уагæвæрдмæ бафтыдтой уæлдай уагæвæрд, кæцымæ гæсгæ, 2026-2027 ахуыры азы, ныййарджыты уынаффæйæ, барвæндонæй, 2026 азы 16 сентябрæй 2026 азы 31 декабрмæ 6 азы кæуыл сæххæст уыдзæн, уыцы сывæллæттæн уыдзæн фадат фыццаг къласы ахуыр райдайын.
Фарста пленарон рабадтыл ахуырады, зонады æмæ фæсивæды министры хæдивæг Махарашвили Тамар бавдыста.
“Фыццагкъласонты регистрацийы фыццаг этап ныридæгæн райдыдта, æмæ нын ахсджиаг у, цæмæй 16-æм сентябрæй 31-æм декабрмæ цы сывæллæттæ райгуырд, уыдонæн лæвæрд æрцæуа регистрацийы æппæт этаптæй дæр спайда кæныны фадат. Уымæ гæсгæ мах банымадтам, уæлдæр ранымад закъоны проектмæ кæй хъæуы тагъддæр æркæсын”, — загъта Тамар Махарашвили.