Парламент «Фидтонон кодексы» ивдтытæ æртыккаг кастæй сфидар кодта
Парламент «Фидтонон кодексы» ивдтытæ æртыккаг кастæй сфидар кодта

Гуырдзыстоны  парламент «Фидтонон кодексы»  ивдтыты æртыккаг хъусынæй   73 хъæлæсæй фарасты ныхмæ  сфидар кодта.

Закъонопроекты  закъондæттæг оргæн  фæтагъдгонд уагæй æркастис.

Закъонопроекты иуæй-иу инициаторы, финансон-бюджетон  комитеты сæрдары, Паата Къвижинадзейы  фидиуæнæй,  закъонопроектмæ гæсгæйæ,  хардзгондыл нымад æрцæудзæн  физикъон уæнгæн, 2021 азы фыццаг январы онг  йын цы фидтонон хæс  сæвзæрдис йæ  ивартимæ иумæ  æмæ цæуыл басастис  уый.

Закъонопроектæй  сбæрæгуыдзæн, цæмæй  уæлбарджын  фидтонон  бæстæйы  регистрацигонд фæсарæйнаг кондады алы  активыл (уый нымæцы,хайыл/акцийыл)  сæрмæмулкы  бары, 2028 азы  фыццаг январы онг Гуырдзыстон  кондадæн алæвæрды ацы  операцийы фæлгæтты, уæлбарджын   фидтонон  уагы  бæстæйы  регистрацигонд  фæсарæйнаг  кондады  æмæ партнер физикъон уæнгы  æфтиаг,  ссæрибар ис  æфтиагы  фидинагæй.

Закъонопроектмæ гæсгæйæ,   фæнысангонд  операцийы  фæлгæтты  активы/базайраджы  Гуырдзыстонмæ импорт ссæрибар уыдзæн  импорты  фидинагæй, æрмæст Гуырдзстоны  кондад ацы операцийы фæлгæтты  райсгæ активы æрдгæй ссæрибар уыдзæн æфтиагы  фидинагæй 2030 аы  фыццаг январы онг.