Парламент Димитри Джапаридзейы æмæ Гиорги Бакрадзейы  кандидатурæтимæ не сразы ис
Парламент Димитри Джапаридзейы æмæ Гиорги Бакрадзейы кандидатурæтимæ не сразы ис

Парламентмæ, Гуырдзыстоны Националон Банкы советы уæнгты постмæ президенты бавдыст  ДимитриДЖапаридзе  æмæ Гиорги Бакрадзейы кандидатурæтæн   хал сыппæрстой   парламенты пленарон рабадтыл  æмæ сын  сæ фарс нæ рахæцыдысты.

Халæппæрсты рæстæджы Гиорги Бакардзейæн схъæлæс кодтой  фондз  депутаты, йæ ныхмæ  та   рацыд   парламенты  æртæ уæнг, Димитри Джапаридзейы  кандидатурæйæн  схъæлæс кодта   фондз депутаты, йæ ныхмæ иу дæр нæ уыд.

Пленарон  рабадтыл халæппæрсты онг   Гиорги Бакардзе æмæ Димитри Джапаридземæ,  къуырисæры  26 июны   финансон-бюджетон   æмæ фадыгон    экономикæйы  æмæ экономикон политикæйы комитетты  иугонд рабадтыл  байхъуыстой æмæ семæ не сразы сты.

Парламентон фылдæрты  уæнгтæ  райхъусын кодтой,ц æмæй  кандидатты  компетенцимæ  гæсгæ  сæм фарстытæ нæй, фæлæ  президенты æмæ  парламенты æхсæн   консультацитæ  нæ уыд æмæ  кандидаттыл рагафон  фидыд нæ  уыдис.