Парламент адæмон барты хъахъхъæнæгы бынатмæ сывзæрста Леван Иоселианийы
Парламент адæмон барты хъахъхъæнæгы бынатмæ сывзæрста Леван Иоселианийы

Парламент адæмон барты хъахъхъæнæгы  бынатмæ  Леван Иоселианийы  сывзæрста. Закъондæттæн  орган  адæмон барты  хъахъхъæнæгы бынатмæ, бавдыст Леван Иоселианийы  кандидатурæйæн  абон схъæлæс кодта.  Халæппæрсты  фæстиуæгæн  Леван Иоселианийы  канидатурæимæ,  96 депутат сразы ис, йæ ныхмæ иу дæр нæ рацыд.

Леван Иоселианийы адæмон барты  хъахъхъæнджытæм кандидатæй бавдыста парти «Æмбæстæгтæ».

Сæрыфыццагæй, адæмон  барты  хъахъхъæнæгы бынатмæ 19 кандидаты сывзæрстой, фæлæ фарсытæ  иумæйаг  каниддатыл не рныхас кодтой.  Планерон    рабадтыл  ацæугæ   халæппæрстыл 19  кандидат иууылдæр фæкъуыхцы сты.

Леван Иоселиани, 2020 азæй  у  Гуырдзыстоны 10  æрсидты парламенты уæнг  партион номхыгъдæй,  æвзарæнон блокъ «Алеко Элисашвили – Æмбæстæгтæ», 2021 азæй  у Гуырдзыстоны парламенты сæрдары  хæдивæг.  Иоселиани  20000 азы  фæцис  Иванэ Джавахишвилийы   номыл   Тбилисы паддзахадон университеты  барады  факультет. Райста магистры гъæд  Чикагойы  Кенты  барады  скъолайы. 1999-2000 азты  уыд  «Гуырдзыстоны Банкы»  юрист, 2000-2001 азты «Тибиси Банкы»  сæйраг юрист.  2008 -2016  азты  уыд  «Леван Иоаселианийы Юридикъон компанийы»  юрист, 2018- 2020 азты  «Гуырдзыстоны æмбæстагон змæлды» æххæстгæнæг  директор.