Парламент «2026 азы Гуырдзыстоны паддзахадон бюджеты фæдыл» закъоны проекты ногæй рацаразгæ вариантыл уынаффæ кæнын райдайдзæн
Парламент «2026 азы Гуырдзыстоны паддзахадон бюджеты фæдыл» закъоны проекты ногæй рацаразгæ вариантыл уынаффæ кæнын райдайдзæн

Парламенты бюройы скъуыддзагæй, парламентон комитеттæ «2026 азæн Гуырдзыстоны паддзахадон бюджеты фæдыл» закъоны проекты ногæй рацаразгæ вариант æмæ йæм баст æрмæджытыл уынаффæ кæнын райдайдзысты. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны парламент парахат кæны.

Финансты æмæ бюджетон комитет цы график сарæзта, уымæ гæсгæ бюджеты проектыл уынаффæ цæудзæн 4-10 ноябры.

Абоны рабадтыл бюро срегистраци кодта парламентон фылдæры хайы лидер Ираклий Кирцхалиайы бавдыст парламентон фылдæры хайы ноггонд номхыгъд æмæ процессуалон фарстыты фæдыл комитеты бавдыст парламентон оппозицийы уæнгты номхыгъд.