Парламент 20-21-æм июны æрцæугæ цауты фæдыл дыууæ проект бакæсдзæн.
Гуырдзыстоны парламент фæззыгон сессийыл 20-21-æм июны, Тбилисы æрцæугæ цауты фæдыл дыууæ проект бакæсдзæн.
20-æм июны протестон акцийы хæлды фæдыл парламенты æвдыст сты дыууæ проект. Иу парламентон фылдæры хайы æрдыгæй у цæттæгонд, дыгкаг та –«Националон змæлды».
Хицаугæнæг къорды бацæттæгонд проекты ис нысангонд, цæмæй парламеннт уагдæттæм сиды алы æппæт саразой 20-21-æм июны æрцæугæ цауты фæдагуырдæн æмæ рабæрæг кæной парламенты бæстыхаймæ бабырсты бахъавындзинады факт.
«Националон змæлды» проектмæ та цы хауы, документы ис фыст, цæмæй 20-æм июны Гуырдзыстоны парламенты Сергей Гавриловы æрцыд Гуырдзыстонмæ æмæ хайад райсын конференцийы хъуамæ аргълæвæрд æрцæуа, куыд хицауады ныхмæ арæзт къахдзæфæй.