Парижы, культурон бындурады саммитыл Муцойы реабилитацийы проект схорзæхджын кæндзысты
Парижы, культурон бындурады саммитыл Муцойы реабилитацийы проект схорзæхджын кæндзысты
Гуырдзыстоны президент Саломе Зурабишвили абон Парижмæ афæндараст уыдзæн æмæ культурон бындурады саммиты райсдзæн хайад, кæцыйыл уæлахизгондты проектты презентаци æмæ схорзæхы церемони сырæздзæн.
Президенты пресс-центры информацимæ гæсгæ, саммитыл 27 уæлахизгонды æхсæн Муцойы реабилитацийы проект дæр ис, кæцы компетентон жюри 34 бæстæйы 149 фидиуæнæй уыд æвзæрст æмæ азы алкæмæй хуыздæр проектæй æрцыд нымад.
Снысангонд проект конкурсыл Гуырдзыстоны культурон бындурады хъахъæды националон агентад 2018 æм азы уыд æвдыст. Проект 2014- 2018 Гуырдзыстоны хицауад æмæ фонд «Картуйы» финансирдзинадæй уыд æхæхст.
Мадзалы фæлгæтты афтæ дæр зындгонд суыдзæн авд гранприйы лауреат æмæ номинаци «Æхсæнады æвзæрстгонд» уæлахизгонд, кæцыйы кандидатуратæн Европæ æмæ Дунейы æмбæстæгты фасрылхæцындзинад у æнæмнг.