Парламенты сæрдар Папуашвили Шалва фембæлд Сомихыстоны Националон Æмбырды зонад, ахуырад, культурæ, диаспорæ, спорт æмæ фæсивæды фæдыл комитеты сæрдар Сисак Габриелян æмæ комитеты уæнгтимæ.
Фембæлдыл банысан кодтой Гуырдзыстоны æмæ Сомихыстоны закъондæттæг органты æхсæн æнтыстджын æмкуыстдзинад æмæ визитты позитивон динамикæ. Акцент æрцыд секторалон комитетты æхсæн арæх ныхас кæныныл.
Папуашвили Шалва банысан кодта Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашиняны хайадист Тбилисы Фæндзæм Æфсæнвæндаджы форумы, афтæ ма Гуырдзыстонмæ Националон Ассамблейы президент Ален Симоняны кусæгон визиты нысаниуæг банысан кодта.
Сисак Габриелян раарфæ кодта Шалва Папуашвилийæн октябры уагъд бынæттон æвзæрстыты «Гуырдзиаг бæллиццы» уырнинаг уæлахиздзинады фæдыл. Уый афтæдæр бузныджы ныхæстæ расидтис æндæр æмæ æндæр æппæтдунеон платформæтыл Гуырдзыстоны фарсылхæцындзинад Сомихыстонæн.
Фæрстæ æрныхас кодтой Хуссар Кавказы регионы ныртæккæ цы хабæрттæ цæуы, уыдоныл. Банысангонд æрцыд, цæмæй регионалон сабырад стыр пайда æрхæсдзæн регионы æртæ бæстæйæн дæр. Папуашвили Шалва расидтис, цæмæй Гуырдзыстон кæддæриддæр уыд стыр фарсылхæцæг Сомихыстон æмæ Азербайджаны æхсæн конфликты алыг кæнынæн, æмæ фæстаг рæстæджы цаутæ сты хорз фадат регионалон размæцыды æрдгæй ног этап райдайынæн.
Фембæлды ма архайдта Ахуырад, зонад æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Мариам Лашхи.
Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны парламенты пресс-куыст парахат кæны.