Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Папуашвили Шалва фембæлд Евросоветы генералон нымæрдар Ален Берсеимæ.
Гуырдзыстоны парламенты пресс-куысты информацийæ, Шалва Папуашвили Аллен Берсейæн 2024-æм азы парламентон æвзæрстыты процесс æмæ фæстиуджыты фæдыл базонгæ кодта.
«Парламенты сæрдар афтæ дæр фæныхас кодта Евросоветы генералон нымæрдарæн бæстæйы цæугæ протестон акциты фæдыл æмæ бавдыста информаци тызмæг протестон акциты хронологийы фæдыл.
Шалва Папуашвили бахахх кодта цæугæ цауты адекватон аргълæвæрды нысаниуæгдзинад дунеон æмæхсæнады æрдыгæй.
Партитæ афтæ дæр фæныхас кодтой оппозицийы хайадисты нысаниуæгыл, куыд демокративон процессы æнæфæхицæнгæнгæ хай.
Фарсытæ гом диалогы бындурыл равдыстой сæ цæттæдзинад дарддæры æмгуыстадмæ», -ис фыст информацийы.
Европæйы Советы Гуырдзыстоны иудадзыг минæвар Талиашвили Тамар, парламенты сæрдары хæдивæг Цъулукиани Тей, Европæйы Советы парламентон ассамблейы Гуырдзыстоны делегацийы сæргълæууæг Гиви Миканадзе æмæ уæлдæрбанысангонд делегацийы уæнг Сефашвили Эка , архайдтой æмбырды.