Пъæлицæй  «Националон Змæлды» офисы æрымбырдуæвджытæн бæстыхай ныууадзынæн  æрдæг сахаты æмгъуыд ратта
Пъæлицæй «Националон Змæлды» офисы æрымбырдуæвджытæн бæстыхай ныууадзынæн æрдæг сахаты æмгъуыд ратта

Пæлицæй æрсидтис Ника Мелиамæ, сабырæй раттæт йæхи пъæлицæймæ.  «Националон Змæлды»  офисы  цур уæвæг  барадхъахъхъæнджытæ  сидынц æмбæстæгтæм,  бæстыхайæ рацæуынмæ.  Пъæлицæй  «Националон Змæлды»   офисы æрымбырдуæвджытæн ратта  æрдæг сахаты æмгъуыд.

«Курæг  уæ стæм  быцæу ма  лæуут  пъæлицæймæ  тæрхондоны уынаффæ сæххæсты.  Курæг уæ стæм   рацæуат бæстыхайæ, цæй тыххæй дæр  уын дæттæм æрдæг сахаты. Рацæут  бæстыхайæ æмæ быцæу ма лæуут   пъæлицæймæ.  Ника Мелиамæ  сидæм,  цæмæй  ситуаци ма фæкарз уа æмæ   уымæй  нæхи  аиуварс кæнæм,   бакоммæкæсæт   пъæлицæйы   законон  æркуырдмæ», – райхъусын кодта  МХМ-ы минæвар.