ПÆК-ы оккупацион тыхтæм æнæзакъонон ахсты уæвæг АИШ-ы æмбæстаг сæрибар у
Оккупацигонд Дзауы районы Уæрæсейы оккупацион тыхтæ æнæзакононæй кæцы америкаг æмбæстагы, Джексон Пол Крамеры æрцахстой, уый сæрибар у. Информацийы хъусын кæны падзахадон æдасдзинады куыст хъусын кæны.
«Æнæзаконон æрцахсты моментæй фæактивон ис тæвд хахх, информаци лæвæрд уыд Евроцæдисы цæстдарæг миссийы æмæ Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдæрттæм. Цалдæр минуты размæ централон хицауады контролгонд территоримæ ракодтам Америкæйы æмбæстагы, кæцы туристон нысанæй уыдис Гуырдзыстоны, æмæ йæ æнæзакононæй æрцахстой Уæрæсейы оккупацион тыхтæ. Æрцахсты моментæй фæактивон ис тæвд хахх, æрцæугæйы фæдыл информаци лæвæрд æрцыд Гуырдзыстоны Евроцæдисы цæтсдарæг миссимæ, афтæдæр Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты æмсæрдæрттæм æмæ скусын кодтам алы уæвæг мæцъистæ æмæ амлæттæ, уый тыххæй цæмæй æнæзакъононæй ахст АИШ-ы æмбæстагы ракодтаиккам Гуырдзыстоны централон хицауады контролгонд территоримæ æмæ афоныл æрцыдаит йæ æнæзакъонон æрцахстæй ссæрибар кæнын» райхъусын кодта паддзахадон æдасдзинады куысты минæвар Ираклий Антадзе.
ПÆК-ы информацийæ, æнæзакъононæй ахсты ссæрибар кæныны нысанæн æрвылбойнон режимы цыдис интенсивон консультацитæ, кæцыты фæстиуæгæн бантыстис АИШ-ы æмбæстагы æнæзакъонон æрцахстæй ссæрибар кæнын.
«Æз ахызтæн арæныл, нæ зыдтон уый фæдыл, уавæрмæ гæсгæйæ æрыздæхтæн. Бирæ ницы зæгъын у мæ бон, ацы рæстæджы дæргъы уыдтæн ахæстоны. Стæй мæ ссæрибар кодтой. Кавказы регионы алфæмбылæйтты балц кæнын хъавыдтæн, Сау Денджызы æрдæм æмæ арæныл фæкуылмып дæн» – ссæйриабр кæныны фæстæ райхъусын кодта АИШ-ы æмбæстаг.
ПÆК-ы хъусын кæнынц, цæмæй æмбæстæгты æнæзаконон æрцахстыл æххæст бæрн æвæрд цæуы Уæрæсейы Федерацийыл.