ПÆК-ы хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, бæстæйы сæйраг æтхъирæнæй  фæстæмæ уырыссаг оккупаци уыд
ПÆК-ы хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, бæстæйы сæйраг æтхъирæнæй фæстæмæ уырыссаг оккупаци уыд

2020 азы Гуырдзыстоны раз  уæвæг сæйраг тасæй   уыд  Уæрæсейы  Федерацийы  æрдгæй Абхаз æмæ  Цхинвалы регионты  оккупаци, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны  падзахадон  æдасдзинады  куысты  хистæры фыццаг хæдивæг   2020 азы хыгъдлæвæрды кæсыны рæстæджы  йехъусын кодта.

Алекси Батъиашвили  уагдоны куыст иугонд комитетты  рабадтыл схатдзæг кодта.

Паддзахадон æдасдзинады куысты хистæры хæивæг оккупацигонд  территориты æмæ  бынатыл  уæвæг  æдадсзинады уавæр афæлгæста. Йæ ныхæстæм  гæсгæ, официалон Мæскуы  дарддæр кодта  оккупацигонд регионты  фактикон анексийы политикæ æмæ  къух арызта  оккупацион хаххæй  дих  цæрджыты  кæрæдзийæ аиртæстæн уагъд процесстæн.

Батъиашвилийы фидиуæнæй,  бынатыл  активонæй   цыдис  милитаризаци  æмæ æфсæддон  ахуыртæ.  Ног коронавирусы пандемийы  фоныл  та, этникон   гуырдзиаг цæрджыты  фундаментон бартæ фылдæр арæнгонд æрцыд  æмæ сæ  уавæр фæфыддæрдæр ис.  Падзахадон  æдасдзинады куысты  хистæры  хæдивæг  оккупацигонд  территориты  милитаризацийы æрдæм раздæхта йæ хъусдард.

Хыгъдлæвæрд бавдисыны рæстæджы,  куысты хистæры хæдивæг  2020 азы  оккупацион тыхты  æмæ де-факто  режимтæй  цæугæ  Гуырдзыстоны æмбæстæгты  æнæзакъонон  æрцахсттыл, æнæзакъонон  а.х.  бордеризацийы æмæ æндæр  æнæзакъонон  активондзинæдтыл фæныхас кодта.

«А.х. арæныл æнæзакъонон  аххосагæй, оккупацигонд Цхинвалы регионы  æрдæм æнæзаконон æрцахстты – 64, æрмæст оккупацигонд Абхазы æрдæм  -13  цау  сфиксир ис.  Гуырдзыстоны централон   хицауады æмæ æхсæнадæмон  партнерты тыхархайдæй, æнæзаконон  ахстæй  ссæрибар ис  Гуырдзыстоны дæсгай æмбæстаг. Рæнхъ цауты, оккупацион  режим  æнæзакъононæй ахст  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн  дæргъвæтин æнæзакъонон   ахст стæрхон кодта. Ацы æрдгæй   хъуамæ банысан уа  æнæзакононæй  ахст Заза Гахеладзейы  æмæ  Ираклий Бебуайы  фарста.  Банысангонд уæнгты ныхмæ  оккупацион  режим спайда кодта  сæрмагондæй æнæраст  æмæ æнæгуманон   ахастæй  æмæ сын бирæ азон ахст стæрхон кодта», –  райхъусын  кодта Алекси Батъиашвили.