ПÆК - Хъæу Пахуланы алфæмбылæйтты оккупацион режим ног тел-æмбондтæ сарызта
Пахуланы хъæугæрон оккупацигонд территорийыл Уæрæсейы оккупацион тыхтæ цы тел-æмбондтæ сарызтой уыдон фæстæ ног æнæзакъонон бордеризацийы процесс сæххæст ис, – уый фæдыл паддзахадон æдасдзинады куысты фидиуæны мидæг дзырдæуы.
Афтæма сæ информацийæ, оккупацион режим сарызта ног тел-æмбондтæ, афтæдæр ма сæвæрдтой ног конструкцитæ.
«Цæугæ азы 26-27 декабры Цъаленджихайы муниципалитеты хъæуы Пахуланы алфæмбылæйтты оккупацигонд территорийыл, оккупацион тыхты а.х. блок-посты цур Уæрæсейы оккупацион тыхтæ цы тел-æмбондтæ сарызтой уыдон фæстæ сæххæст ис ног æнæзакъонон а.х. бордеризацийы процесс. Оккупацион режим сарызта ног æмбондтæ æмæ ма дзы сывæрдтой ног конструкцитæ.
Оккупацион тыхты фæнысангонд архайд у радон деструктивон къахдзæф, кæцы фылдæр проблемæтæ æвзæрын кæны цæрджытæн сæрибар змæлды æрдгæй æмæ фыддæрдæр кæны бынатыл уæвæг æдасдзинады уавæр.
Фарстайы фæдыл фæактивон ис тæвд хахх, информаци лæвæрд æрцыд Евроцæдисы цæстдарæг миссимæ æмæ æхсæнадæмон партнертæм», – дзырдæуы ПÆК-ы фидиуæны.