ПÆК- Гуырдзыстоны территори æмæ йæ арæнты æддæйæ архайæг уæнгты бæрæг къорд, октябр-декабры Гуырдзыстоны план кæны дестабилизацидзинад, æмбæстагон змæстытæ, кæцыйы кæйронаг нысан у хицауад тыхмион методæй фæивын
Гуырдзыстоны территорийыл æмæ йæ арæнты æддæйæ архайæг гоймæгты бæрæг кхорд, цæугæ азы октябр-декабры Гуырдзыстоны план кæн дестабилизацидзинад æмæ æмбæстагон змæстытæ сцырын кæнын, кæцыйы кæронбæттæн нысан у хицауады тыхмион методæй фæивын – уый фæдыл банысангонд у падзахадон æдасдзинады куысты информацийы.
«Деструкцион процессты райдаыны датæтæй æвзæрст у цæугæ азы октябр-декабры период, Еврокомиссийы астæуккаг æмæ Евроцæдисы кæрйонаг хатдзæг публикацигонд куы хъуамæ æрцæуа уæд. Паддахады хицауад раппарынæн бацæттæйы сусæгвæндгæнджыты æнхъæлц уыцы аууæлыл у баст, ома публикацигонд хатдзаг уыдзæн æппæрццаг, кæцы сæ дæлбар уæвæг информацион хызæгтæй, хицауадыл аразгæйæ æвæрд «проуырыссагы» лозунгæй, сæвзæрын кæндзæн бæзгæ бындур æхсæнады сцырын кæнынæн æмæ дарддæр сызмæнтынæн.
Фæнысангонд планы иуæй-иу автор у Гуырдзыстоны раздæры мидхъуыддæгты министры Вано Мерабишвилийы хæдивæг æмæ ацытæккæ Украинайы æфсæддон рагысгарæг куысты къухдариуæггæнæгы хæдивæг Гиорги Лорткипанидзе æмæ йæ дæлбар уæвæг мыггагæй гуырдзиаг гоймæгтæ, сæ нымæцы æртыккаг президенты раздæры хъахъхъæнæг Михаил Батурин, афтæма Саакашвилийы хæстæджыты зылдмæ бацæуæг, Украинайы архайæг «гуырдзиаг легионы» сæргълæууæг Мамука Мамулашвили. Бахаххкæнинаг у уый, æмæ фæнысангонд планы сыххæст кæнын план кæны фæсарæйнаг бæстæты координацидзинадæй æмæ финансон æххуысæй.
Бæлуырд æмæ нæфæсайгæ информацийæ, Гиорги Лорткипанидзейы бакуыст план сыххæст кæнынæн, спайда кæндзысты Украинайы хæцæг мыггагæй гуырдзиаг стыр къордæй æмæ интересджын фарсы æндæвдады бын чи ис ахæм гуырдзиаг фæсивæды хайæ, кæцыты бацæттæ-азуыр цæуы Польшæ-Украинайы падзахадон арæны цур. Революцион сценаримæ фæсивæды къордты бацæттæйы нысанæн архайынц организацийæ «Канвас», кæцыйы апп у организаци «Оптор». Растдæр ацы организацитæ ивгъуыды райстой активон хайад Сербийы айтынггонд революцион процессты æмæ уымæ æмбæлгæйæ, регуляронæй дзы пайда кæнынц æндæр æмæ æндæр бæстæйы фæсивæды бацæттæйы æмæ деструкцион проецсстæм бафтауыны нысанæн.
Фæнысангонд уæнгты æрдгæй кастæуы фæзындты айтынгы цалдр сценари, кæцыты нымæцы ис «халагъудты горæтæй» цы хонынц уый саразынмæ сидт, Гуырдзыстоны централон проспектты æмæ стратегион объектты цур баррикадæтæ саразын, хицауадон бæстыхæйтты бацахсын æмæ баррикадæтæ саразын æмæ æндæр барадныхмæ архæйдтытæ, сæ нымæцы уæззау провокациты элементтæ. Сæрмагондæй та, бæлвырдæй бæрæг у, цæмæй организацигæнджытæ фæнд кæнынц Гуырдзыстоны, 2014 азы Украинайы уагъд «Евромайданы» хуызæн сценарийы сыххæст кæнын.
Афæтма бæрæг у, цæмæй Гиорги Лорткипанидзейы æмæ Михаил Батурины организацигондæй акциты цыды ран, сæрмагондæй та «халагъудты горæтæй» цы хонынц уый территорийыл, рагафон æвзæрст халагъудмæ базхæсдзысты рæмудзæн гарзæг, кæцыйы спырх кæнын хъавынц фыдгæнæгон архæйдтыты организацигæнджытæ. Сæ фыдгæнæгон планмæ гæсгæйæ, фæнысангонд хъуамæ расайа протестон акцитæ сабыр цæрджыты æмæ барадхъахъхъæнæг органты минæвæртты рæнхъыты та амæттаг. Террористон акты сыххæсты цауы, деструктивон тыхтæ ныфс дарынц, цæмæй райдайдзæн æнæадрис æхст барадхъахъхъæнджыты æмæ акцийы хайадисджыты æхсæн, кæцы сцырын кæндзæн æмбæстагон быцæуæмбæлд.
Фæнды нæ æхсæнадæн базонын кæнæм, цæмæй фæнысангонд провокацитæ, организацигæнджыты æрдгæй, фыццаг хатт не сплан сты Гуырдзыстоны ныхмæ, фæлæ ивгъуыды уыдоны превенци бантыстис барадхъахъхъæнджыты эффективон æмæ цырд реагиркæныны фæрцы. Уæвæг уæззау геополитикон расидт хынцгæйæ, раздæры цаутæй хаъуджы, нырыккон план у бирæ бæрзонддæр риск хæссæг фактор, кæцы тæссаг у куыд бæстæйы æдадсзинадæн, афтæ Гуырдзыстоны хуымæтæг цæрджыты цардæн, æнæфыдбылыздзинадæн æмæ æнæниздзинадæн.
Фæнысагонд рискытæ нейтрализаци скæнынæн, паддзахадон æдадсзинады куыст, æндæр компетентон уагдæттимæ координацигондæй æххæст кæны æмæ сыххæст кæндзæн алы хъæугæ превентивон мадзал. Афтæма, уæлæмхас оперативон информаци райсыны нысанæн, куыст фæнысангонд фарстайы фæдыл куырдиатæй баздæхдзæн партнер бæстæты æмбæлгæ уагдæттæм», – банысангонд у ПÆК-ы информацийы.