Паддзахадон программæйæ финансгонд медикаментты ранымад æмæ бенефициарты зылд, гæнæн ис сæрдæй ауæрæхдæр уа
Амбулаторион медикаментты æнцонвадатдзинады паддзахадон программæ куыд медикаментты ранымады, афтæ пайдагæнджыты æрдгæй, гæнæн ис сæрдæй ауæрæхдæр уа – ахæм фидиуæн сарызта æнæнизхъахъхъæды министр Давит Сергеенко медикаментты амалиуæггæнæг компанийы минæвæрттимæ фембæлды фæстæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, развæлгъау аргълæвæрдæй, сеппæтæй ахæлиугонд хроникон низты схоскæнынæн 23 медикамент, 50-ы онг хъуамæ фæфылдæр уа æмæ паддзахадон программæ социалонæй цыбыркъух æмбæстæгтæй дарддæр, æндæр категиоритæм дæр хъуамæ æххæсса.
ДавитСЕргеенекойы ныхæстæм гæсгæ медикаментты ауæрæхгонд зылды хосты, социалонæй цыбыркъух уæнгтæ æлхæндзысты æнæивгæ æргътæй пенсионертæ та – минимум базарыл сын цы аргъ ис уый æрдæгæй.
Æнæнизхъахъхæды министры ныхæстæм гæсгæ, медикаментты æнцонвадатдзинады райрæзын кæнынæн ис хъæугæ ресурс.