Паддзахадон-политикон гæстæ гæнæн ис  мауал  уой хæсджын наркологион  басгæрст ацæуын
Паддзахадон-политикон гæстæ гæнæн ис мауал уой хæсджын наркологион басгæрст ацæуын

Паддзахадон политикон  гæстæ наркологионæй  сгæрст ацæуын, гæнæн ис æнæмæнгхъæугæ  мауал уа.  Æмбæлгæ ивддзинæдтæ  «коррупцийы ныхмæ тохы фæдыл»  закъонмæ хæссынц.

Закъонопроектæй  ивд цæуы  бæрæг   хæс, кæцы  баст у Гуырдзыстоны президенты, парламенты уæнгты, министрты, сæ фыццаг    хæдивджыты æмæ  хæдивджыты, афтæма  Абхазы æмæ Ачъарайы  автономион республикæты бæрзонддæр  минæварадон оргæнты  уæнгты æмæ хицауады  уæнгты æрдгæй  наркологион   басгæрст ацæуынимæ.   Уымæ  гæсгæ  дæр ивд цæуы наркологион басгæрст ацæуынæй   хиаиуварс кæнынæн  архайæг ивар, кæцыйы бæрц у  500 лари.

Парламенты бавдыст  проектмæ гæсгæ,  закъонæй  ист æрцæудзæн стати, кæцымæ гæсгæ дæр,  фæнысангонд   посттыл кусæг  гæстæ  хæсджын сты   антикоррупцион бюройы хистæры æрдгæй удонæн нысанонд  æмгъуыдты  ацæуой наркологион  басгæрст  æмæ антикоррупцион бюромæ æмбæлгæ   æвдисæнгæххæт  бавдисой, кæцы документ  нырма архайæг закъонæй   публикон у  æмæ йæ публикаци кæнынц  антикоррупцион бюройы  официалон веб-фарсыл.