Паддзахадон æдасдзинады куыст – Меарахъишвили Тамар уæвæг бадзырдты форматты фæлгæтты интенсивон диалогы фæстиуæгæн ссæрибар ис
Паддзахадон æдасдзинады куыст – Меарахъишвили Тамар уæвæг бадзырдты форматты фæлгæтты интенсивон диалогы фæстиуæгæн ссæрибар ис

Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куыст Цхинвалы оккупацион режимы ахст Гуырдзыстоны æмбæстаг Тамар Меаракишвилийы ссæрибар кæныны фæдыл официалон информаци парахат кодта.

«Уæвæг бадзырдты форматты фæлгæтты интенсивон диалогы фæстиуæгæн, Меарахъишвили Тамар ссæрибар ис æмæ централон хицауады контролгонд территорийыл ис.

Процессы активонæй архайдтой Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдартæ. Коммуникаци æнæивгæйæ цыд «тæвд хаххы» фæрцы, кæцыйы къухдариуæг кодта Евроцæдисы цæстдарæг мисси Гуырдзыстоны (EUMM).

Гуырдзыстоны централон хицауад, Паддзахадон æдасдзинады куыст дарддæр кæны активонæй куыст, йæ къухы цы фæрæзтæ ис, уыдонæй спайда кæнгæйæ, æппæт æнæзакононæй ахст Гуырдзыстоны æмбæстæгты ссæрибар кæныны тыххæй» – ис фыст Пæк-йы хъусинаджы.

Меарахъишвили Тамар 23-æм декабры «шпионажы аххосагæй» æрцахстой.

24-æм декабры афтæ хуынæг Тæрхондон Тамар Меарахъишвилийæн превенцион мадзалы хуызы дыууæ мæйы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахаста.