Паата Бурчъуладзейы фырт, Шукри Бурчъуладзе,  Фыццаг Каналы исæг кордмæ  балæбурдта
Паата Бурчъуладзейы фырт, Шукри Бурчъуладзе, Фыццаг Каналы исæг кордмæ балæбурдта

Парламенты бæстыхайы раз, цы ран организацитæ «Джиути», «Къари»   æмæ «Тъалгъайы»  минæвæрттæ  фæсарæйнаг   финасдзинады æргомдзинады закъонопроекты ныхмæ  организацион  фембæлд уагъдтой, Фыццаг Каналы  исæг  къордмæ балæбурдта  Паата Бурчъуладзейы  фырт, Шукри Бурчъуладзе.

«Моамбейы» журналист Рези Хуцишвили   Паата Бурчъуладзеимæ интервью ныффыссын  архайдта, кæцы расайдта Бурчъуладзейы фырты  æрдгæй  нæ  журналистмæ агресси æмæ дзырдæй æфхæрд.

Шукри Бурчъуладзейы æрдгæй  уыдис  физикъон лæбурды архайд дæр, фæлæ  уавæр   фæстагмæ  патрулон пъæлицæйы  æххуысæй  бамынæг ис.