Паата Бурчуладзе - Цыппæрæм октябры закъон нæ халдзыстæм, фæлæ ма уæ фæдзæхсæм, цæмæй закъон ма халат æмæ закъоны фæлгæтты архайат.
Паата Бурчуладзе - Цыппæрæм октябры закъон нæ халдзыстæм, фæлæ ма уæ фæдзæхсæм, цæмæй закъон ма халат æмæ закъоны фæлгæтты архайат.

Закъон нæ халдзыстæм 4-æм октябры – уый фæдыл Руставелийы проспекты змæлды лидер Паата Бурчуладзе брифингыл расидтис.

Бурчуладзейы ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны историйы фыццаг хатт у, цæмæй уагъд цæуы националон æмбырд æмæ банысан кодта, цæмæй Тбилисы мэри 4-æм октябрæн сæйраг сахары цыппар сценæйы сæвæрыныл не сразы ис.

Брифингыл Бурчуладзе йæ номæй Тбилисы мэрийы администрацимæ лæвæрд фыстæгыл æмæ мэрийы дзуаппыл фæныхас кодта.

«Куыд зонут афтæмæй, 4-æм октябры, Гуырдзыстоны историйы фыццаг хатт уагъд цæуы националон æмбырд. Конституцийы æмæ закъоны куыд нысангонд у, афтæмæй бахатыстæм мэримæ. Нæ хæсджын нæ уыдыстæм бар ракурын, фæлæ сын фехъусын кодтам, цæмæй Гуырдзыстоны цæрджытæ националон æмбырд уадзынц æмæ нæ фæнды, цæмæй сарæзтаиккой цыппар этап, фæлæ мах абон райстам дзуапп. цæмæй ма æрæмбырд кæнæм æгæр бирæ адæмы æмæ æрæвæрæм иу сценæ.Хæссын ацы хъусынгæнинаджы цы фыст ис, уый: «Нæ æмбырд иу рæстæджы Сæрибары фæзыл, Руставелийы проспектыл æмæ Республикæйы фæзуаты парализ кæндзæн сæйраг сахары централон районты змæлд æмæ фæкъуылымпы кæндзæн къорд организациты æмæ уагдæтты куыст».