Паата Имнадзе – Зымæг æнæвирустæй никуы вæййы, афтæмæй нын хуымæтæг сезон ис
Зымæг æнæвирустæй никуы вæййы, амæй бирæ уæззаудæр сезонтæ нын уыдис, коронавирус нæ ферохкæнын кодта грипп, уымæн æмæ уыцы периоды маскæты дарын вирусты хæлиукæнынад куылмпы кодта, афтæмæй нын ерын ис хуымæтæг сезон, – уый фæдыл низты контролы æмæ æхсæнадон æнæниздзинады националон центры директоры хæдивæг Паата Имнадзе Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн фехъусын кодта.
Кæй зæгъын æй хъæуы, ис респираторон вирус, кæцы гæнæн ис сывæллæттæм тынг уæззау цæуа, ис цъус риновирустæ дæр. Бæстæйы 21-ы онг хуызы вирусмæ дарæм нæ цæст. Æрвылкъуырионæй æмбырд кæнæм бæрæггæнæнтæ. Афтæмæй нын хуымæтæг сезон ис. Ивгъуыд азы æмæ уый размæ азы куыд уыдис ахæм. Йеуæд ма уыдæттæм æфтыд уыдис коронавирус, ныр коронайы цауты нырма тынг цъус сты», – райхъусын кодта Имнадзе.
Паата Имнадзейы дзырдæй, вирусты пикъы период нырма нæ ныллæууыд.
«Пикы период Гуырдзыстоны æрлæууы декабры кæрон æмæ февралы дыккаг æрдæджы. ныр ахæм ницы ис. Пикы период гæнæн ис ноджы уа сколаты æмæ университетты ахуыр куы сног уыдзæн, уæд. Температурæ 39 гриппы рæстæджы у хуымæтæг фæзынд. Дохтырæн хъуамæ æнæмæнгæй фæдзурат, кæд сывæллонæн бæрзонд тæвд – 38,5-æй бæрзонддæр у иу æхсæв-боны мидæг æмæ йын хостæ не ххуыс кæнынц, уæд. Ам зæгъдзынæн, цæмæй антибиотик нæу тæвды хос. Бынтон нæй гæнæн антибиотиктæ баназын, низ вирусон куы у, уæд. Иунæг антибиотик дæр не ндавы вирусон низтæм. Антивирусон у дæнцæн «Тамифлю», кæцы тынг эффективон препарат у», – райхуъсын кодта Паата Имнадзе.