Отар Кахидзе - Хицауадмæ æвзæрстыты цы кърах æнхъæлмæ кæсы, сентябры уыдзæн кæнæ октябры, æнæфевгъуийгæ у
Хицауады уæвын адарддæр кæнын сæ æрфæндыд. Ныфс мæ ис ацы фæнд æххæст кæнынмæ нæ рывналдзысты, уымæн æмæ уый уыдзæн серьозон быцæусидт дзыллæйæн – уый фæдыл «Европаг Гуырдзыстоны» депутат, отар Кахидзе æвзæрстыты датæйы фæдыл, парламентон фылдæрты уæнг Ираклий Къобахидзейы фидиуæныл комментарийы рæстæджы загъта.
Фарстыл, цас реалонæй ис гæнæн, æвзæрстыты декабры ауадзын, Отар Кахидзе банысан кодта цæмй уый æнхъæл нæу.
«Уый æнхъæл нæ дæн, уымæн æмæ тынг стыр быцæусидт уыдзæн хицауадæн, ныцъецъелаг уой, æфсонæн æрхæссой эпидемиологион уавæр æмæ адарддæр кæной сæ хицаудзинады æмгъуыд. Фæлæ ныр «Гуырдзиаг Бæллиццæй» зондджын къахдзæфты æнхъæл нæ дæн, æмæ акæсæм, гæнæн ацы фæкарзмæ дæр бахъавой. Фæлæ сын фыддæрдæр уыдзæн, уымæн æмæ кърах, кæцы сæм æвзæрстытæй æнхъæлмæ кæсы, снтябры уыдзæн æви октябры, æнæирвæзгæ у» – райхъусын кодта Отар Кахидзе.
Парламентон фылдæрты уæнг Ираклий Къобахидзе знон райхъусын кодта, цæмæй зæгъгæ кæд вирусы дыккаг уылæн фемдзыд уыдзæн æвзæрстты агъоммæ периодимæ, уæд гæнæн ис æвзæрстытæ октябры нæ фæлæ дæнцæн, декабры ауадзой.