«Оскары» хорзæхджын кæныны церемонийы Фыццаг Къанал 25 февралы комкоммæ эфиры равдисдзæн
Дунейы киноæмбалад «Оскары» радæй 91-æм хорзæхджын кæныны церемонимæ цæттæ кæны. 152 метры дæргъы сырх гауыз Долбийы театры раз ныридæгæн айтыдтой. Уымæй уæлдай ма татры сæйраг сценæ 40 000 уардийæ срæсугъд кодтой.
Банысанкæнинаг у, цæмæй ацы аз 30 азы дæргъы фыццаг хатт «Оскарæн» акæнæг нæ уыдзæн. Улахиздзауты райхъусын кæндзысты Голливуды стъалытæ, акæнджыты монологтæ та музыкалон номыртæй æмæ видеотæй фæивдзысты.
Иуæй-иу сеппæтæй престижон кинохорзæхджынкæныны комкмомæ эæфиры Фыццаг Къанал фыццаг хатт равдисдзæн. Кæсджытæн «Оскары» алæвæрды церемонийы комкоммæ эфиры фенын 25 февралы 01:30 сахатæй уыдзæн сæ бон. Фæлхатгæйæ та «Оскары» радæй 91 церемони 25 февралы «Моамбейы» сæйраг рауагъды фæстæ ацæудзæн эфиры.
Ацы аз сегасæй хуыздæры фильмы статусæ стох кæндзæн аст фильмы: «Сау Пантерæ», «Фаворит», «Стъалыйы райгуырд», «Цъæх Чиныг», «Вице», «Богемон Расподий», «Сау Куклукскланаг» æмæ «Рома».
Сегасæй хуыздæр нæлгоймаг артисты номинацийы кæрæдзийæн кокуренттæ уыдзысты:
Къристиан Бейл фильмæн – «Вице»;
Бредли Къупер фильмæн – «Стъалыйы райгуырд»;
Уильям Дефо фильмæн – «Æгæронады Кулдуар»;
Реми Малекъ фильмæн – «Богемон Расподий»;
Виго Мортъенсен фильмæн – «Цъæх Чиныг»;
Ацы категорийы сегасæй хуыздæр сылгоймаг артситы статус райсын бацархайдзысты:
Фелиа Аппарисо фильмæн – «Рома»;
Глен Клоуз фильмæн – «Ус»;
Оливиа Коулман фильмæн «Фаворит»;
Леди Гага фильмæн – «СТъалыйы Райгуырд»;
Мелисса Маккарти фильмæн – «Дæ бон у искуы мын ныххатыр кæнай?».
Сегасæй хуыздæр режиссеры номинацимæ бавдыст сты:
Спайк Ли фильмæн – «Сау Куклукскланаг»,
Павел Павликовски фильмæн «Уазал Хæст»,
Йоргос Лантимос фильмæн – «Фаворит»,
Альфонсо Куарони фильмæн – «Рома»,
Адам Маккей фильмæн – «Вице».
«Оскары» скульптурæ ноджы 18 номинацийы æрцæудзæн лæвæрд.
Цæугæ азы сеппæтæй фылдæр 10-10 номинаци райстой Альфонсо Куаронийы «Рома» æмæ Йоргос Лантимосы «Фаворит».
«Оскары» хорзæхджын кæныны церемони традиционæй Лос-Анджелесы ацæудзæн.