OSCE-ы сæрдар, Швецийы фæсарæн хъуыддæгты министр Эн Линде, фæуазæг уыдзæн Гуырдзыстонмæ. Уый фæдыл информаци публикацигонд у OSCE-ы веб-фарсыл.
Пресс-релизы дзырд ис, цæмæй Эн Линде Гуырдзыстонмæ фæуазæг уыдзæн 16 февралы æмæ бæрзонд къæпхæны фембæлдтæ ауадздзæн.
Визиты фæлгæтты Линде фембæлдзæн Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ, премьер-министр Гиоргии Гахариаимæ, фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианиимæ æмæ фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстыты Гуырдзыстоны падзахадон министр Тея Ахвледианиимæ.
Бадзырдты сæйраг темæ уыдзæн OSCE-ы æмæ Гуырдзыстоны æмгуыстад фæфидардæр кæнын.
OSCE-ы сæрдар Эн Линде афтæдæр ауадздзæн бадзырдтæ Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзеимæ, парламенты уæнгтимæ æмæ æмбæстагон æхсæнадимæ, цæмæй æркæса OSCE-ы Швецийы сæрдариуæгы приоритеттæ, афтæма ацæудзæн пресс-конференци гуырдзиаг медийæн.
OSCE-ы сæрдар афтæдæр хъавы Европæйы мониторингы миссиимæ фембæлын.
Гуырдзыстонмæ визиты фæдыл Эн Линде фыссы социалон хызагы дæр.
«Фæцæуын Гуырдзыстонмæ OSCE-ы сæрдары рангы. Сбæлвырд кæндзыстæм OSCE-ы хъæддых фарсхæцынад Гуырдзыстонæн конфликты аскуыддзагы æмæ институтты стынг кæныны – дыууæдæр сферæйы, цы ран сылгоймæгтæн æмæ æмбæстагон дзыллæйæн скуыддзаггæнæг роль сыххæст кæнын у сæ бон»- фыссы Линде.