OSCE-ы министериалы  фæлгæтты Илиа Дарчиашвили  европаг коллегæтимæ  дыууæфарсон  фембæлдтæ  ауагъдта
OSCE-ы министериалы фæлгæтты Илиа Дарчиашвили европаг коллегæтимæ дыууæфарсон фембæлдтæ ауагъдта

Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министр  Илиа Дарчиашвили  OSCE-ы министериалы фæлгæтты  европаг  коллегæтимæ  дыууæфарсон   фембæлдтæ  райдыдта.  Визиты  фыццаг бон  фæсарæн хъуыддæгты министр  Хуссар Кавказ  æмæ  Централон Азийы  НАТО-ы  генералон нымæрдары специалон  минæвар  Хавьер Коломинаимæ фембæлдис.

НАТО-ы  генералон нымæрдары  специалон минæваримæ   афæлгæстой  НАТО-Гуырдзыстоны  бонвæткъы  актуалон  фарстатæ, евроатлантикон  интеграцийы  фæндагыл  Гуырдызстоны  прогресс, практикон  æмгуыстады фæарфдæры  фидæнон перспективæтæ æмæ НАТО-ы 2024 азы   Вашингтоны  саммиты  æнхъæлцытæ.  Фембæлдыл  æвæрццаг   аргълæвæрд  уыд   Гуырдзыстоны æмæ альянсы  æхсæн  бæрзонд æмвæзадыл  уæвæг  коммуникацийы динамикæйæн æмæ æмгуыстады интенсивон  боны фæткæн.

Гуырдзыстоны æттагполитикъон   уагдоны  къухдариуæггæнæг   афтæдæр фембæлд ауагъта   Австрийы  европаг æмæ æхсæнадæмон хъуыддæгты  фæдыл  федералон министр Александр  Шалленбергимæ. Австрийаг   коллегæимæ фембæлдыл  ныхас уыдис  Гуырдзыстоны Евроцæдисы уæнгсуæвыны  процессыл,  Еврокомиссийы   æвæрццаг  рекомендацийыл  Гуырдзыстонæн  кандидаты статус раттыны фæдыл æмæ дарддæры процессы  Австрийы политикон фарсдарыныл.

Визиты фыццаг бон, Илиа Дарчиашвии  афтæдæр фембæлдис   Исландийы  æддагполитикон  уагдоны къухдариуæггæнæгимæ, Бьярни  Бенедиктсонимæ. Фембæлдыл  министртæ райгонддзинад равдыстой Гуырдзыстон-Исландийы æмгуыстады  позитивон   динамикæйæ  æмæ æркастысты  æндæр æмæ æндæр сферæйы  ахастыты  райтынг кæныны   фадæттæ.

OSCE-ы  министериалы  фæлгæтты  плангонд у  Илиа Дарчиашвилийы  15-ы онг  фембæлд  европаг коллегæтимæ, афтæма OSCE-ы къухдариуæггæнæг  уæнгтимæю  Илиа Дарчиашвили  афтæдæр дзырдæй ралæудзæн  OSCE-ы  министрты советы сессийыл, кæцы рæстæджы   хъусдард раздахдзæн оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты  уæвæг   уавæрмæ æмæ  æхсæнадæмон  æмгарады фарсдарыны консолидацидзинадыл.

OSCE-ы  министериал  (29-ноябры – 1 декабры) г. Скопиейы  цæуы  организацийы  Цæгат Македонийы  сæрдариуæгы  фæлгæтты.  Министериалы хайад исынц организацийы  уæнг бæстæты делегацитæ. Сæ нымæцы  Скопиейы  уæвы АИШ-ы паддзахадон  нымæрдар æмæ æдадсзинады  æмæ æддагон политикæйы фарстаты   Евроцæдисы  бæрзонддæр  минæвар.