OSCE-ы минæвар – райгонд дæн, цæмæй адæймæгтæ пайда кæнынц дзырды сæрибардзинадæй, фæлæ тыхмидзинады факттæ æнæруадзгæ сты, сидын акцийы хайдисджытæм цæмæй уæт сабырадон
OSCE-ы цæстдарæг мисси Гуырдзыстоны цæугæ акциты кой кæны.
OSCE-ы информацийы банысангонд у, цæмæй 31 октябры ацæугæ парламентон æвзæрстыты фæстиуджыты ныхмæ Тбилисы пъæлицæйимæ быцæудзинады фæдыл инфолрмаци куы айхъуыстис уый фæстæ, OSCE-ы -ы специалон координатор æмæ OSCE-ы -ы цыбырæмгъуыдмæ æвзарæнон миссийы къухдариуæггæнæг Пиа Каума акцийы хайадисджытæм сидынц, сæхи бауромой тыхмидзинадæй æмæ хицауадмæ та сидынц, цыт кæнæт æмбырды æмæ дзырды фундаментон сæрибарæн.
«Ноджы иу хатт дзурæм, цæмæй 31 октябры, парламентон æвзæрстытæ уыд конкурентджын æмæ æмтгæй райсгæйæ фундаментон сæрибардзинад хъахъхъæд уыд. Ацы рæстæджы, мæтæйдзагæй кæсæм Гуырдызстоны фæстагрæстæгон протесттæм. Арфгæнæг стæм цæмæй адæймæгтæ пайда кæнынц дзырды сæрибарæй, фæлæ тыхмидзинады факттæ æнæруадзгæ сты. Курæг стæм акцийы хайадисджытæй, цæмæй уæт максималонæй сабырадон. Иурæстæгонæй хахх кæнæм, цæмæй пъæлицæй хæсджын у, равдиса хиуылхæцынхъомдзинад демонстрантты дзуаппæн, хицауад æнæмæнгæй хъуамæ хъуса акцийы хайадисджытæм æмæ цыт кæнæт фундаментон сæрибардзинæдтæн» – хъусын кæны Ходжа.
«Курæг дæн алы акторæй, биу уæт конструктивон диалогмæ, фæтых уæт нырыккон поляризаци æмæ иумæ бакусæт стабилон политикон уавæр æрфидар кæнынæн æмæ ацы рæстæджы, сæ хъусдард раздахæт æхсæнадæмон интересджын фарсытæй райсгæ сигналтæм. Фæнды мæ равдисон мæ фарсхæцынад Централон Æвзæрстгæнæн Комиссийæн,æвзæрстытыл гæнæн фæтксасты бацахуыры инклюзивон процессы тыххæй» – райхъусын кодта Пиа Каума.
«Гуырдзыстоны фæстаг дыууын азы дæргъы æвзæрстыты æмæ фæдылдзог политикон фæзындтæм нæ хъус дарæм, уырнæг дæн, цææмй алы интересджын фарс равдисдзæн максималон хиуылхæцынхъомдзинад æмæ равдисдзæн бæрнон ахаст æмæ иузæрдыгдзинад иумæйаг фарны рдæм, ноджы тыхджындæр демокративон институтты æмæ æхсæнадон æууæнкы фæфидар кæныны нысанæн» – райхъусын кодта генералон нымæрдар Роберто Монтела.