OSCE-ы генералон нымæрдар хайад райста инциденттæ маруадзыны æмæ  сыл реагиркæныны  механизмы  къорды фембæлды Эргнеты
OSCE-ы генералон нымæрдар хайад райста инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны механизмы къорды фембæлды Эргнеты

Инциденттæ маруадзыны æмæ  сыл реагиркæныны  механизмы  къорд  конкретон  хайбавæрд скодта  æдасдзинадæн æмæ стабилондзинадæн – уый фæдыл OSCE-ы генералон нымæрдар  Хельга Мария  Шмид  фехъусын кодта журналисттæн, кæцы хайад райста  Эргнеты  абоны фембæлды.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  OSCE у æдасдзинады сеппæтæй  стыр регионалон  организаци.

«Кусæм  адæм  фарнæн.  Ацы конкретон  цауы, уыцы  зындзинæдтæ фенцондæр кæнынæн, кæцытæ хъыгдарынц   конфликтæй зианбавзарæг   цæрджыты.  Ай у  конкретон, æрвылбойнон    æмæ æдасдзинады фарстæтæ.  Ай у нысаниуæгджын бындур  Женевæйы  дискусситæн. Банысан кæндзынæн уый дæр, цæмæй  дзæбæх зонын  фæнысангонд фарстæты тыххæй.  Дæнцæн æрхæсдзынæн Гахеладзейы хъуыддаг, кæцйы фæдыл ныхас уыдис  абоны  фембæлдыл», – райхъусын кодта Хельга Мария  Шмид.

Инциденттæ маруадзыны æмæ  сыл реагиркæныны  механизмы  къорды фембæлды OSCE-ы генералон нымæрдаримæ иумæ  уыдис Евроцæдисы æддæ ахастыты  куысты æдасдзинады æмæ хъахъхъæнынады  политикæйы  директор  Иоанэкэ Балфурт.

«Евроцæдис афтæ, куыд OSCE,  тынг архайы  æдасдзинадæн  æмæ   медиацийæн конкретон уынафффæтæ  бацагурынæн.  Мæнæн стыр  цыт у, хайад кæй исын 100-йæм фембæлды.  Фæнды мæ бузныг зæгъын  форматы  алы хайадисæгæн, сæ фæнды  тыххæй,  цæмæй бацагурой   практикон  уынаффæтæ  конфликтæй  зианбавзарæг   цæрджытæн. Евроцæдис афтæдæр бавдыст у  нысаниуæггджын  цæстдарæг миссийæ. Евроцæдисы цæстдарæг мисси уыдзæн ам, цæмæй  равдиса нæ фæнд æмæ æххуыс», – райхъусын кодта Балфурт.