OSCE-ы генералон нымæрдар, Америкæйы минæвар, фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстæты паддзахадон министр, фембæлдысты Заза Гахеладзейы бинонтимæ
OSCE-ы генералон нымæрдар, Америкæйы минæвар, фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстæты паддзахадон министр, фембæлдысты Заза Гахеладзейы бинонтимæ.
Гахеладзейы бинонтæ æхсæнадæмон организацийы минæварæй фехъусытой информаци, цæмæй цы мадзæлттæ æххæст цæуынц уый тыххæй, æмæ æнæзаконон ахсты уæвæг Гахеладзе ссæрибар уа æмæ йæ бинонтæм æрыздæха.
Фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстæты паддзахадон министр Тея Ахвледианийы фидиуæнæй, зæгъгæ инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагир кæныны механизмты фæлгæтты Заза Гахеладзейы фарста, ноджы иу хатт слæууын кæндзысты.
Фембæлды фæстæ Заза Гахеладзейы бинойнаг куыд райхуъсын кодта афтæмæй, бинонты иунæг æркуырд у Заза Гахеладзейы ссæрибар кæнын.
«Иунæг æркуырд нын ис абоны онг æмæ ай у Зазайы ссæрибар кæнын. Æндæр ницы курæг стæм. Дзырд нын раттой цæмæй кусынц æмæ ноджы адарддæр кæндзысты кусын, цалынмæ фæстиуæг нæ уыдзæн уæдмæ. Конкретон датæтыл ныхас нæ уыдис, цы къахдзæфтæ сараздзысты уый фæдыл лыстæг нæ радзырдтой» -загъта Ирма Бутхузи.